ЛомоКлуб
Новости Ломоносовского Клуба

СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ ВСТРЕЧАЕТ ГОСТЕЙ ИЗ ЛОМОНОСОВСКОГО ОБОЗА (ОСЕТИНСКИЙ ЯЗЫК)

9 регионы æмæ 11 горæты. Уæрæсейæ 50 æрыгон адæймаджы абалц кæндзысты тохы намысы бынæттæм. Архайынц Ломоносовы номыл æппæтадæмон клубы. Ацы аз æххæст кæнынц «Грозный Крым», зæгъгæ, проект. Бабæрæг кодтой «Зæдты сахар», Беслæны 1-æм скъола, абалц кодтой Куырттаты коммæ.

СМОТРЕТЬ ВИДЕО

Беслæны судзаггаг скъола фæсивæд телевизорæй федтой. Трагеди егъау кæй уыд, уый бамбæрстой, фыццæгæм скъолайы кæрты æмæ Зæдты сахар куы бабæрæг кодтой, уæд. Цыртдзæвæнтыл сæвæрдтой дидинджытæ. Сæ цæстысыгтæ бауыромын æрыгон адæмæн сæ бон нæу.

Дыккаг бон фæсивæд экскурсийы абалц кодтой Куырттаты коммæ. Сæ фыццаг æрлæууæн уыд нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны раз. Фæсивæды ацы бынаты рæсугъддзинад дисы бафтыдта. Сæ хуызисæнтæ сæрах кодтой. Къамтæ бынатæй æрвыстой сæ хæлæрттæм, нæ бæстæйы æндæр горæттæм.

Уазджытæн радзырдтой мæсгуытæ æмæ гæнахты тыххæй дæр.

Дзæуджыхъæуы уазджытæ ирон адæмы тыххæй баззыдтой ног хабæрттæ æмæ таурæгътæ. «Барбашовы фæзы» сæм æнхъæлмæ каст Мырыкаты Артемий. Æрыгон экскурсовод сын радзырдта Дзæуджыхъæумæ бахизæны тугкалгæ тохы тыххæй, советон салдæтты хъæбартырдзинады тыххæй.

Знон дæр ма Ирыстон нæ уазджытæн дард уыд, фæлæ ныр йемæ куы базонгæ сты, уæд сæ зæрдæтæм фæндаг ссардта. Фæсивæд куыд радзырдтой, афтæмæй балцы размæ республикæйы тыххæй чингуыты кастысты. Ирыстонæй рацæугæ зындгонд адæмы дæр зонынц.

Æз æй зыдтон, республикæ хæххон бынаты кæй ис, уый. Ам æрдз тынг рæсугъд у. Хæхтæ æмбæрзт митын худтæй. Уыимæ ма мæ зæрдæмæ тынг фæцыд Алайнаг моладзандон. Рагæй йæ бæллыдтæн бабæрæг кæнынмæ æмæ ныр мæ къухы бафтыд. Æз æй зыдтон, зынгонд зарæггæнджытæ Мияги æмæ Эндшпиль Цæгат Ирыстонæй кæй сты, уый. Уæдæ æппæт дунейыл зынгонд дирижер Гергиты Валерийы дæр чи нæ зоны?

Ломоносовы номыл æппæтадæмон клубы ис 600 адæймагæй фылдæр. Кæнынц рухстауыны куыст. Архайынц конкурсты. Нæ бæстæйы алы горæттæ бæрæг кæнынц.

Дыккаг проект «Ломоносовский обоз», зæгъгæ. Йæ сæйраг нысан - Уæрæсейы хуссары цæрджытæ Стыр Уæлахизмæ цы стыр æвæрæн бахастой, уый базонын. Кавказ бабæрæг кæнын къухы бафтыд 50 адæймагæн.

Мадзал аразджытæ - æнæкоммерцион организаци «Звезда» æмæ нациты ’хсæн ахастдзинæдты фæдыл федералон агентад. Туристон программæмæ гæсгæ зонгæ кæнынц Цæгат Ирыстоны, Цæцæны республикæйы, Стъараполы æмæ Краснодары крайы рæсугъд бынæттимæ. Балцы кæронбæттæн уыдзæн 28 августы Хъырымы.

Уазиты Зæлинæ
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
СМИ о нас